1СТР.

ФÆТК ХЪАХЪХЪÆНЫН - МИЛИЦИЙЫ  

КУСДЖЫТЫ    АХСДЖИАГ ХÆС

Куыд æппæт Уæрæсейы Федерацийы 10 ноябры нысан цыд милицийы кусджыты бæрæгбон, афтæ нæ республикæйы дæр уыцы бон паддзахадон киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд цытджын æмбырд.

Цытджын æмбырды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Кокойты Эдуард, РХИ-йы Хицауады Сæрдар Юри Морозов, РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр Миндзайты Михаил, афтæ ма хицауады æндæр бæрнон кусджытæ.

Айзæлыдысты РХИ-йы æмæ УФ-йы гимнты зæлтæ.

Уый фæстæ цытджын æмбырд байгом кодта арфæйы ныхæстимæ нæ республикæйы сгуыхт артисткæ Козаты Галинæ æмæ ныхасы бар радта РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр Миндзайты Михаилæн.

 Уый йæ раныхасы бузныджы ныхæстæ загъта æппæт нæ республикæйы барадхъахъхъæнæг органты кусджытæн, æмæ банысан кодта гуырдзиаг тыхæйисджыты ныхмæ æхсæвæй-бонæй йæ хæс йе 'мбæстæгты раз цæсгомджынæй чи æххæст кæны, уыцы фæсивæды хъæбатырдзинады тыххæй, æмæ сын арфæйы ныхæстæ загъта бæрæгбоны цытæн.

Сæ хæс æххæсткæнгæйæ цы кусджытæ фæмард сты, уыдоны рухс нæмттæ ссардтой иу минут æмырæй алæугæйæ. Афтæ ма арфæйы ныхæстæ загъта барадхъахъхъæнæг органты ветерантæн дæр.

Уый фæстæ ныхасы бар лæвæрд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Кокойты Эдуардæн:

 Республикæ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады цытджын кусджытæ!

Арфæ кæнын сымахæн - милицийы службæйы архайæг кусджытæн æмæ ветерантæн уæ профессионалон бæрæгбон - милицийы боны тыххæй!

Сымахыл æвæрд цæуы закъондзинад æмæ конституцион барвæтк, Хуссар Ирыстоны цæр-джыты æмæ уазджыты æнцойад æмæ фæрныгад хъахъхъæныны ахсджиаг хæс. Иууыл уæззаудæр рæстæджыты æххуысмæ растдæр сымахмæ хатынц нæ республикæйы æмбæстæг-тæ. Уæ уæззау æмæ бæрнон службæ ахъаз кæны, алы æмбæстаджы æдасдзинад чи ифтонг кæны, йæ интерестæ, цыт, кад, исад æмæ йын йæ цард чи хъахъхъæны, ахæм барадон паддзахады рæзтæн.

Нæ фыдтæ æмæ уыдон фыдтæ кæй æрæвæрдтой, милицийы уыцы кадджын традицитæ дарддæр кæнгæйæ, сымах - тæссаг æмæ æхсарджын дæсныйады адæймæгтæ хъаруджын тох кæнут фыдракæндты ныхмæ, ифтонг кæнут æхсæнадон фæтк, æппæт дæр аразут, цæмæй цæрджытæ фидарæй хъахъхъæд цæуой криминалæй, терроризмы тасдзинадæй. Уе службæйы характер у ахæм, æмæ сабыр рæстæджы - кусгæ бонты дæр æмæ бæрæгбонты дæр сымах бахъæуы экстремалон уавæрты, æппæт уæ фадæттæй æмæ, уæ цардæн тас уæвгæйæ, архайын. Хъыгагæн, не 'мбæстæгты æдасдзинад сифтонг кæныны тыххæй арæх уый слæууы тынг зынаргъ.

Мæ сæрæй ныллæг кувын, закъоны уæлахиздзинады, æмбæстагон сабырад æмæ Хуссар Ирыстоны территориалон æнæхъæндзинады тыххæй йæ цард нывондæн чи æрхаста, уæ уыцы коллегæты рухс номы раз.

Цытджын хæлæрттæ!

Закъондзинад æмæ фæтк хъахъхъæнын у хæр-зиуæгон æмæ кадджын хъуыддаг. Уый стыр бæрндзинад у адæмы раз, республикæйы раз, закъоны раз.

Сæрмагондæй мæ банысан кæнын фæнды уый, æмæ мидхъуыддæгты министрады кæй кусы, уыцы бæрндзинад æххæстæй чи æмбары, хæс, намыс æмæ рæстдзинады æмбарынад канд рæсугъд ныхæстæ нæ, фæлæ йæ царды хъуыды кæмæн сты, ахæм адæймæгтæ. Агрессоры ныхмæ тугкалæн ныхмæлæууынады уыдон æвдыстой æхсардзинад æмæ хъæбатырдзинад, райгуырæн бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад хъахъхъæнгæйæ. Ирыстонæн йæ бон у сæрыстыр уа йæ уыцы хъайтартæй.

Уыимæ ма æнæмæнг зæгъын хъæуы уый, æмæ, хъыгагæн, арæх милицийы рæнхъытæм бахауы, мундиры цыт чи чъизи кæны, службæйы интерестыл, адæмы интерестыл гадзрахатæй чи рацæуы, ахæм æнæхафт кусджытæ. Сæ архайдтытæй уыдон чъизи кæнынц милицийы кусæджы стыр ном, чъизи кæнынц æмткæй мидхъуыддæгты министрады коллективы. Ахæм кусджытæй æвæстиатæй ирвæзын хъæуы.

Ныртæккæ мидхъуыддæгты министрады фæдфæдыл æххæст цæуы, къадрты сконд фæхуыздæр кæнынмæ, оперативон-службæйон архайды ахадындзинад сырæзын кæнынмæ, цæрджыты ‘рдыгæй барвæткы органтæм æууæнк сфидар кæнынмæ здæхт чи сты, ахæм мадзæлттæ. Уырны мæ уый, æмæ уыцы куыст, уæ компетентондзинад, оперативондзинад, фидардзинад, æхсардзинад æмæ уæ хæсыл æгæрон æнувыддзинад нырæй фæстæмæ дæр уыдзысты нæ зæххыл социалон стабилондзинады фидар гарант.

Ацы бæрæгбоны æнæмæнгхъæуæгыл нымайын республикæйы æппæт барадхъахъхъæнæг органтæм бахатын, цæмæй æвдисой профессионалон æнувыддзинад, кæрæдзийæн кæнат æхсæнведомствæйон æххуыс. Æруадзæн нæй уый, цæмæй милицийы кусджытæ, криминалимæ тохы раззаг хай уæвгæйæ, уыной барадхъахъхъæнынадон процессы æнæфæуддзинад, æмбæлой æфхæрыны мадзæлтты æнæадекватон гуманизацийыл. Уырны мæ уый, æмæ æрмæстдæр архайдтыты æргомæй координаци кæныны уавæрты, кæрæдзи æмбарын æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæныны бындуры нæ барадхъахъхъæнæг органтæн сæ бон бауыдзæн Хуссар Ирыстоны ахæм барадон уавæр саразын, цыран ахадæнæй скъуыддзаггæнæн уыдзæн республикæйы политикон, экономикон æмæ националон проблемæтæн.

Ноджы дæр арфæ кæнын сымахæн, милицийы зынаргъ кусджытæн æмæ ветерантæн уæ профессионалон бæрæгбоны тыххæй.

Фæнды мæ сымахæн фидар æнæниздзинад, амонд æмæ æнтыстытæ уæ уæззау, фæлæ тынг хъæуæг куысты нæ Республикæйы æмæ йæ адæмы фæрныгадæн.

Фæнды мæ сабырад æмæ хæрзиуджытæ сымахæн æмæ уæ бинонтæн!

Президент Кокойты Эдуард йæ арфæйы ныхæсты фæстæ зæрдылдарæн лæвæрттæ бакодта РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрадæн. Арфæйы ныхæстæ ма бæрæгбоны цытæн загътой: Республикæйы Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæргълæууæг Анатоли Яровой, Уæлвæткон уавæртæ æмæ хъахъхъæнынады министры номæй министры хæ-дивæг булкъон Хъоцыты Сергей, милицийы ветеран Бестауты Григол.

Бæрæгбоны цытæн мидхъуыддæгты органты кусджытæм æрцыдис арфæйы телтæ.

Мидхъуыддæгты министр Миндзайты Михаил æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта уыцы телтимæ. Афтæ ма уый схорзæхджын кодта барадхъахъхъæнæг органты къорд кусæджы.

Цытджын æмбырды фæстæ нæ республикæйы культурæйы министрады хъæппæрисæй уагъд æрцыдис концерт. Хайад дзы райстой нæ республикæйы æвзонг зарæггæнджытæ.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

 

 

2СТР.

ЦÆСТВÆЛДАХÆН «ПЛАН»

«Хъаугъа æрбæстон кæныны фæдыл Гуырдзыстоны ног план»-ы тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæрмагонд хъуыддæгты фæдыл министр, гуырдзиаг-ирон хъаугъа æрбæстон кæныны фæдыл Æмхæццæ контролон къамисы Хуссар Ирыстоны хайы разамонæг Цоциты Барисы

КОММЕНТАРИТÆ

Сæйраг проблемæ ис уый мидæг æмæ Гуырдзыстон абоны онг дæр иувæрсыгæй нæ фехъусын кодта, махæй йæ цы хъæуы, уый тыххæй. Дзыллон информацийы фæрæзтæй мах хъуыстам æндæр æмæ æндæр ныхмæвæрд плантæ æмæ концепциты тыххæй, фæлæ сæ цас фылдæр фæзыны, уый бæрц фылдæр сæвзæры, гуырдзиæгтæ дзуапп кæмæн нæ фæдæттынц, ахæм фарстытæ. Уымæй дæр Гуырдзыстон уыцы документтæй иу дæр нæ саккаг кодта Хуссар Ирыстонмæ æрбарвитын. Уый ма хауы «Гуырдзиаг-ирон хъаугъа æрбæстон кæныны фæдыл Батумы конференцимæ дæр», «ферох сæ ис» уырдæм Хуссар Ирыстоны минæвæртты фæхонын.

Æвзæры ахæм хъуыды æмæ Гуырдзыстон æппындæр нæ цымыдис кæны гуырдзиаг-ирон æмахастытæ æрбæстон кæнынмæ. Хуссар Ирыстонæн та уыцы фарстмæ ис серьезон æмæ бæрнон ахаст. Уæвæг реалитыл бындуриуæг кæнгæйæ, Хуссар Ирыстоны разамынд бирæ хæттыты раразмæ кодта уæвæг ныхмæвæрддзинæдтæ æрбæстон кæныны æртæэтапон фæндаг, цыран сты: 1) хъаугъайы зонæ демилитаризаци кæнын æмæ æууæнк æндидзын кæнын, 2) хъаугъайы зонæ социалон-экономикон æгъдауæй реабилитаци кæнын æмæ 3) хъаугъа политикон æгъдауæй æрбæстон кæныныл уынаффæ кæнынмæ рахизын. Гуырдзыстоны президент М. Саакашвили дæр Баиугонд Нациты Организацийы Ге-нералон ассамблейы 59-æм сессийы рахæцыд уыцы цæстæнгасы фарс, фæлæ стæй, хæрз цыбыр рæстæджы фæстæ, Страсбургы Европæйаг Цæдисы Парламентон ассамблейы рабадты ныхас кæнгæйæ, нал сразы ууыл æмæ раразмæ кодта цахæмдæр «æртæазон рахизæн рæстæг». Уый фæстæ уыд æндæр концепцитæ. Уыдон афтæ ныхмæвæрд уыдысты æмæ уыдонмæ гæсгæ Гуырдзыстоны позици уыд канд вазыгджын нæ, фæлæ йын практикон æгъдауæй бамбарæн дæр нæ уыд.

27 октябры, Æмхæццæ контролон къамисы Мæскуыйы рабадтæй дыууæ боны фæстæ Гуырдзыстоны премьер-министр Зураб Ногъаидели раныхас кодта Европæйы Æдасдзинад æмæ æмкуысткæнынады фæдыл организацийы Венæйы рабадты æмæ бавдыста «Саакашвилийы ног план». Æнæмæнг банысан кæнын хъæуы уый, æмæ-иу куыд раздæр, афтæ ныр дæр уыцы план не’ рбафтыд Хуссар Ирыстонмæ, Хуссар Ирыстонимæ уый тыххæй ничи дзырдта, фæлæ йыл комкоммæ дæр дзырдтой Америкæйы Иугонд Штаттимæ æмæ Европæйы Æдасдзинад æмæ æмкуысткæнынады фæдыл организацийы бæстæтимæ. Æвзæры ахæм хъуыды æмæ уыцы «ног план» арæзт æрцыд Хуссар Ирыстонимæ нæ, фæлæ Америкæйы Иугонд Штаттимæ æмæ Европæйы Æдасдзинад æмæ æмкуысткæнынады фæдыл организацийы бæстæтимæ Гуырдзыстоны хъаугъа æрбæстон кæныны фæдыл.

Кæд уыцы «план» рекламæ кæныныл гуырдзиæгтæ архайынц æмæ йæ пропагандæ кæнынц, уæддæр æй чи каст, уыдон ныхæстæм гæсгæ уым позитивон цæстæнгасæй реалистонæй ницы ис æмæ дзы Хуссар Ирыстонæн дæр ногæй ницы ис. Уый хорзыл йæ бон банымайын у, хъаугъайы зонæйы уавæры тыххæй тынг мæгуырау æмæ уæлæнгæйтты чи зоны кæнæ та политикон уавæрты аххосæй афтæ саразыны сæр кæй бахъуыд, æрмæстдæр ахæм адæймаг.

Банысангонд «планæн» ис сыгъдæг рекламон характер æмæ æвæры æрмæстдæр европæйаг æмæ америкæйаг фиддонфидджыты хыгъдæй Гуырдзыстонмæ финансон æфтиæгты радон порци райсыны нысан. Кæнæ та, растдæр куы дзурæм, уæд Гуырдзыстон æмæ АИШ тагъд кæнынц исты хуызы нын нæ æмахастытæ «æрбæстон кæныныл», тагъд Косовойы банымайыны тыххæй фарст дунеон æмæхсæнад кæй скъуыддзаг кæндзæн, уый зонгæйæ. Саакашвилийы «план»-ы нысан цæуы хъаугъа æдæппæт æрмæстдæр фараст мæйы дæргъы «æрбæстон кæнын» æмæ йæ утопикон градусмæ гæсгæ ахызт ацы азы райдианы Страсбургы Саакашвилийы зындгонд хъаугъайаг раныхасы сæрты дæр.

Зындгонд куыд у, афтæмæй Æмхæццæ контролон къамисы Мæскуыйы рабадты йæ хайадисджытæ сæ хъуыдытæ загътой æртæэтапон схемæйы тыххæй, «сабырадон процессы рæзты реалон бындур у «хъаугъайы бæстæты разамонджытæ йæ фарс кæмæн хæцынц, хъаугъа æрбæстон кæныны уыцы æртæэтапон схемæ», зæгъгæ, уый суагъæйы банысан кæнгæйæ. Æмæ Æмхæццæ контролон къамисы рабадтæй дыууæ боны фæстæ Ногъаидели Венæйы кæй фехъусын кодта, уыцы «планы» та бынтон æндæр цыдæртæ ис. Уый диаметралон æгъдауæй афтæ ныхмæвæрд у, æмæ æвзæры ахæм фидар хъуыды, цыма Гуырдзыстонæй Æмхæццæ контролон къамисы æмсæрдар Г. Хаиндрава Мæскуымæ æрцыд иу хъаугъа æрбæстон кæныны тыххæй æмæ Ногъаидели æмæ Саакашвили та дзурынц бынтондæр æндæр хъаугъайы тыххæй, кæнæ та 2005 азы 25 октябры господин Хаиндрава нæма зыдта, «ног план» кæй ис, уый æмæ уымæ гæсгæ рахæцыд æртæэтапон схемæйы фарс.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уый та ноджыдæр дзурæг у, гуырдзиаг-ирон хъаугъа æрбæстон кæныны фарстытæм Гуырдзыстоны разамындæн серьезон, компетентон æмæ æмразыгонд ахаст кæй нæй, ууыл æмæ уый та нæ ахъаз кæны канд Хуссар Ирыстоны раз нæ, фæлæ ма дунеон æмæхсæнады раз дæр Гуырдзыстоны авторитетæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæрмагонд хъуыддæгты фæдыл министрады информацион-аналитикон хайад 2005 азы 2 ноябрь

 

«РЕС» ХЪУСЫН КÆНЫ

ХÆДБАР ÆНÆКОММЕРЦИОН РАДИОСТАНЦ «АЙЗÆЛД FM»

10 ноябры горæт Цхинвалы йæ куыст райдыдта хæдбар æнæкоммерцион радиостанц «Айзæлд FM». Радиостанц йæ сæйраг хæс уыны уæвæг информацион вакуум баххæст кæныны, республикæйы цы цаутæ цæуы, уыдон рæстæгыл æмæ объективонæй æвдисыны. Эфирон рæстæджы фылдæр хай æвдисдзысты, уырыссаг, фæсарæйнаг æмæ национ эстрадæйы хуыздæр репертуарæй арæзт чи æрцæуа, ахæм музыкалон æмæ хиирхæфсæн программæтæ. Редакцийы планты сты æрвылбонон ног хабæрттæ, ахсджиаг репортажтæ æмæ аналитикон программæтæ цæттæ кæнын æмæ сæ эфирмæ дæттын. Радиостанц йæ куыст кæндзæн æнæхъæн суткæйы дæргъы 107,4 FM тагъдады.

 

САРÆХ СТЫ ХЪÆД ÆНÆЗАКЪОНÆЙ ЦÆГЪДЫНЫ ФАКТТÆ

Фæстаг рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл сарæх сты хъæд æнæ-закъонæй цæгъдыны факттæ. Знауыры районы хъæдты Республикæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ профилактикон мадзæлттæ куы æххæст кодтой, уæд суг æнæ-закъонæй цæттæ кæныны рæстæджы æрцахстой 9 адæймаджы. Уыдонæй æртæ уыдысты ирæттæ, иннæтæ та - гуырдзиæгтæ. Æмбæлон фæдагурæн мадзæлттæ сæххæст кæныны фæстæ сæ ауагътой. Сæ ныхмæ райст æрцыд «Административон бархалынæдты тыххæй» Уæрæсейы Федерацийы Кодексмæ гæсгæ административон характеры мадзæлттæ. Кодексмæ гæсгæ хъæд æнæзакъонæй цæгъдын йæ фæдыл расайы æмбæстæгты административон ивар фæкæнын. Уый тыххæй «РЕС»-ы уацхæссæгæн фехъусын кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæйы.

 

ТЫМБЫЛ ФЫНГ

Реституцийы проблемæты фæдыл Хуссар Ирыстоны цæстæнгасыл, номхуындæй та гуырдзиаг-ирон хъаугъайы рæстæджы зиæнттæ кæуыл æрцыд, уыдон реституци кæныны æмæ сын компенсаци кæныны барыл уынаффæ цыд, æнæхицауадон организаци «Æхсæнад мотиваци кæнын æмæ социалон рæзты фæдыл агентад»-ы офисы уагъд чи æрцыд, уыцы тымбыл фынджы. Уынаффæ кæныны хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты цур адæймаджы барты фæдыл æххæстбарджын Санахъоты Давид, политикон партиты æмæ республикæйы æртыккаг секторы минæвæрттæ.

     Нысан æрцыд, зæгъгæ, хъаугъайæн барадон æмæ политикон аргъ куыддæр æрцæуа, æрмæстдæр уый фæстæ гæнæн ис, æмæ бæлвырд æрцæуа, аххосджын чи у, уый æмæ цас хъуамæ фида, уый дæр (цæй тыххæй, кæмæн æмæ цас). Æнæ уый реституци гæнæн ис, æмæ уа æрмæстдæр фыдракæндтæ басусæг кæныны фæдыл политикон компани. Æмæ уыдон та, æгæрыстæмæй, президент Саакашвили ирон поэт Хетæгкаты Къостайы сæндидзыдгонд цырт гом кæныны рæстæджы схуыдта, куыд кæройнаг националистты «фыдракæндтæ», афтæ.

Æрæмбырдуæвджытæ ма æхсæнадон тæрхон скодтой гуырдзиаг фашизмыл, цыран фыццаг скъуыддзæгтæ рахастæуыд Шеварднадзе æмæ Саакашвилийæн, гуырдзиаг фюрер Гамсахурдиайы рухс ном кæй сæнусон кодтой æмæ йын йæ идеологи кæй дарддæр кодтой, уый тыххæй.

Тымбыл фынджы хайадисджытæ æрцыдысты иу хъуыдымæ, зæгъгæ, Гуырдзыстоны реституцийы тыххæй закъон халы хъаугъайы бæстæты æппæт сразидзинæдтæ, уымæн, æмæ нæ бындуриуæг кæны хъаугъайæн барадон æмæ политикон аргъ скæныныл æмæ у гуырдзиаг фашизмы фыдракæндтæ басусæг кæныны фæдыл политикон компани.

 

 

3СТР.

ДÆ ЦÆСТ АХÆСС ДУНЕЙЫЛ

 

БАКОДТОЙ  УÆЛВÆТКОН  УАВÆР

Ныр 16 суткæйы дæргъы Францы бæстæ ис уæззау уавæры. Ам цы æнæлегалон эмигранттæ ис, уыдон сæйраджыдæр сты Ливанæй. Ардæм æрбацыдысты хицæн æмæ хицæн рæстæджыты æмæ сæ нымæц милуантæй ахызт. Растæндæр уыдон сарæзтой ацы бæстæйы æвæткдзинад - бæлвырддæрæй та 8 регионы. Хиаразгæ бомбæтæ æмæ æндæр хæлæн æрмæджытæй пырх кæнынц æмæ судзынц алыгъуызон автомашинæтæ уынгты æмæ гаражты. Кæй басыгътой, уыдон нымæц уал абоны онг у 7 мины. Уымæй уæлдай ма рæмудзæн æрмæджытæ баппарынц скъолатæ æмæ æндæр объекттæм, метроты.

Францы разамынад дывæнд кодта, зæгъгæ дзы уæлвæткон уавæр бакæнæм æви нæ, ууыл. Уымæн æмæ ам ахæм уавæр никуыуал уыд 50 азы дæргъы. Уæд Ливаны хæст куы райдыдта, растæндæр гъе, уæд Францы бахъуыд йæ бæстæйы 1955 азы апрелы уæлвæткон уавæр бакæнын.

Францы цы 8 департаменты ис æвæткдзинад, уыцы регионты префекттæй 3 сразы сты ахæм уавæр бакæныныл, æмткæй цæрджыты 80 % дæр æмæ уыцы регионты 9 ноябрæй фæстæмæ бакондæуыд комендантон сахат. Развæлгъау баныхæстæм гæсгæ уый аххæсдзæн 20 ноябрмæ, стæй уавæр кæд нæ хуыздæр кæна, уæд та йæ адарддæр кæндзысты.

Алжираг резервисттæй æрцахстой бирæты, сæ нымæц уал схызт 500-мæ. Полициæгтæй ис цæфтæ дæр. Фæткхалджыты ахсынц прокуроры æнæ санкцийæ. Изæры 8 сахатæй райсоммæ уынгтæм рахизыны бар нæй. Кæннод сæм æнхъæлмæ кæсы 8-10 мæйы ахæстоны арвитын, кæнæ та ивар бафидын 4 мин евройы.

Францы мидхъуыддæгты министр Николя Саркози куыд зæгъы, афтæмæй Франц кæддæр фæтæригъæд кодта Алжирæй æрбалидзæг эмигранттæн æмæ сæ нал арвыста фæстæмæ. Ныр куы фæфидар сты, уæд æнæзакъонон митæ кæнынц.

Фæлæ ам банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Францы уæвæг эмигранттæ мæгуырау уавæрты кæй цæрынц, сæ царды æмвæзад у ныллæг, нæй дзы бирæтæн куыст, уæлдайдæр та бæстæйы цæгаттаг хайы. Ахæм уавæрты цард та сæ æркодта уæлдæрзагъдгонд змæстытæм.

Автомашинæтæ судзын райдыдтой Германы дæр. Цасдæр автома-шинæйы басыгъдæуыд Берлины. Барадхъахъхъæнджытæ кусынц фæкарздæргонд уавæрты.

Уæрæсейы цы милуангай эмигранттæ ис, уыдонæн расидтæуыд амнисти æмæ уал дзы 2006 азы 1 милуанæн закъонон æгъдауæй йæ территорийыл уыдзæн кусын æмæ цæрыны бар.

СÆ КЪУХЫ БАФТЫД МАРДÆЙ

Дагъыстаны республикæйы Бабаюрты хъæуы бирæуæладзыгон хæдзары кæйдæр фатеры æмбæхст, химар террористтæ-сылгоймæгтæ чи хъуамæ бацæттæ кодтаид, ахæм арабаг лæппу, йæ ном Сулейман. Тыхон структурæтæ йæ куы базыдтой, уæд дзы цасдæр рæстæг домдтой, цæмæй сæм йæхи радтаид. Уæд йæхи амардта.

Хæдзары хицау сылгоймаг Джинет Эреджетовайы æрцахстой. Куыд зæгъы, афтæмæй арабаг хаттæй-хатт ныхас кодта бастдзинады фæрцы кæимæдæрты.

Ацы фатеры разынд видеоафыстытæ, æхсæнгæрзтæ, æндæр æрмæджытæ. Куыд фæбæрæг, афтæмæй Сулейманы сусæг куыст уыд теракттæ цæттæ кæнын.

КÆСÆГ-БАЛХЪАРЫ УАВÆР

Ацы республикæйы президент В. Коков куы фæзиан æмæ уырдæм Уæрæсейы президент В. Путин куы 'рцыд уымæн фæстаг хæрзбон зæгъынмæ, уæд Кæсæг-Балхъары разамонджытимæ ауагъта æмбырд. Куыд фæбæрæг, афтæмæй Уæрæсейы ацы регионы царды æмвæзад у ныллæг, сæ экономикон-социалон уавæр  мæгуырау. Уымæ гæсгæ В. Путин бахæс кодта Министрты кабинетæн, цæмæй æвæстиатæй æркæсой Уæрæсейы ацы хъыгдардбаййафæг регионы уавæрмæ.

Ацы фарсты фæдыл премьер-министр М. Фрадков ауагъта Министрты кабинеты æмбырд, хайад дзы райста Кæсæг-Балхъары президент Арсен Каноков.

М. Фрадковы ныхæстæм гæсгæ Кæсæг-Балхъары республикæйæн хъуамæ уа хъомысджын импульс, ахæм ситуацийы мауал хъуамæ уа нырæй фæстæмæ æмæ Министрты кабинеты уæнгтæн лæвæрд æрцыд конкретон хæстæ ацы регионы царды æмвæзад фæхуыздæр кæныны тыххæй.

СРÆМЫГЪДТЫТÆ УАЗÆГДÆТТЫ

Иорданийы бæстæйы æртæ уазæгдоны æхсæвыгон уыцыиурæстæджы уыд срæмыгъдтытæ. Химар террористтæ сæ спырх кодтой. Амманы цы уазæгдоны уыд срæмыгъд, уым банкетон залы уыцы рæстæджы уыд чындзæхсæв.

Ацы терактты фæмард 60 адæймаджы, 400 та цæфтæй бахаудтой рынчындæттæм. Иутæ дзы сты уæззау уавæры. Сæ фылдæр  АИШ æмæ Израилы æмбæстæгтæ.

Иугонд Нациты Организаци ауагъта экстренон æмбырд ацы терактты фæдыл æмæ райста резолюци.

ÆХХУЫС - КАЛИНИНГРАДÆН

Евроцæдис йæ радон рабадты æркаст æмæ бауынаффæ кодта Кали-нинграды областы размæцыдæн баххуыс кæныны æмæ йын рахицæн кодта 25 милуан евройы. Уыдон ын дæттын райдайдзысты 2006 азæй.

ОППОЗИЦИ РАЗЫ НÆУ

6 ноябры Азербайджаны уыдысты парламентон æвзæрстытæ. Уыдон раст нæ фæкастысты оппозицимæ æмæ Бакойы уынгты рацыдысты демонстрацийы, домынц ног æвзæрстытæ ауадзын, Централон æвзарæн къамисы уынаффæ аивын.

Оппозици куыд зæгъы, афтæмæй цухдзинæдтæ уыд бирæ æвзарæн округты.

Оппозици парламенты цъус бынæттæ кæй æрцахста æмæ æвзæрстытæ растыл кæй нæ банымадта, уый тыххæй дарддæр дæр араздзæн ахæм акцитæ.

 

СЕРГЕЙ БАГАПШ: «АБХАЗЫ МÆСКУЫЙÆ НИКÆЙ НЫСАН КÆНЫНЦ»

Сергей Багапшы интервью «Время Новостей»-йæн

Тбилис конфликт æрбæстон кæныны тыххæй ног плæнттыл кусы. Ныри-дæгæн зындгонд у йæ «план» Хуссар Ирыстоны тыххæй, кæцымæ гæсгæ хæдрасидгæ республикæйæн лæвæрд æрцæудзæн максималон автономи. Рады лæууы план Абхазы тыххæй.  Абхазы президент Сергей Багапшæн «Время новостей»-йæн интервьюйы йæхирдыгон хъуыды ис - Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад хъуамæ банымайа Гуырдзыстоны хицауад æмæ уымæй историмæ бацæуа.

- Цахæм аргъ кæндзыстут Гуырдзыстоны ахæм хъуыдытæн?

- Куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Абхазы цæрджытæн сæ сомбон бæрæг у. Кæд æмæ президент Саакашвили банымайа нæ хæдбардзинад, уæд уымæй уый бацæудзæн историмæ. Мах хъæуы хæдбардзинад, искæй фæнды уый, æви нæ, уымæ æнæкæсгæйæ.

- Ног министр Гела Бежуашвили Уæрæсейы скритикæ кодта. Уый куыд дзуры, уымæ гæсгæ Мæскуы ныхасæй Гуырдзыстоны фарс хæцы, хъуыддагæй та хæдрасидгæ республикæтæн æххуыс кæны…

- Гела Бежуашвилийæн, куыд адæймагæн, куыд политикæн - афтæ аргъ кæнын. Фæлæ дунейы мидæг уавæр ивы. Мах нæ хъысмæт аскъуыддзаг кодтам, зонæм æй, кæимæ æмæ куыд цæрæм.

- Тбилисы куыд хъусын кæнынц, афтæмæй Сухум æмæ Цхинвалы бæрнон бынæтты Мæскуы йæхи адæмы нысан кæны. Цæвиттон, Абхазы хъахъхъæнынады министр, генштабы хистæр, æдасдзинады советы сæрдар… Уый цахæм хæдбардзинад у?

- Боныфæстагмæ кæрон скæнæд Тбилис нæ хъуыддæгтæ æвзарынæн - чи кæцæй æрцыд, кæй снысан кодтой, уыдæттæн. Ацы адæм махимæ цардысты, цæрынц æмæ цæрдзысты. Мæскуыйæ сæ ничи нысан кæны.

- Æмæ кæд Гуырдзыстон фарст æрæвæра Баиугонд нациты организацийы, цæмæй сын баххуыс кæна?..

- Гуырдзыстонæн йæ бон у алы хуызы дæр нæм бахата. Махæн нæ дзуапп у - цæхгæр «Нæ».

- Гуырдзыстоны парламент уы-наффæ райста, ома æрбæстон кæ-ныны процессы прогрессон æнтыстдзинæдтæ куынæ уа, уæд уырыссаг фидауынгæнджытæ ссæрибар кæндзысты гуырдзиаг-абхазаг хъаугъайы зонæ 2006 азы 1 июлæй?

- Кæд фидауынгæнджытæ ацæуой, уæд сæ бынаты нæхæдæг слæудзыстæм. Ацы хъуыддаг та уавæр фæкарздæр кæндзæн. Хорз уаид, Гуырдзыстоны къухдариуæгад уыл куы ахъуыды кæнид.

- Тбилисы афтæ дæр дзурынц, ома ды Абхазы лидер куы сдæ, уæд бюджеты къапекк дæр нæ уыд, фæлæ уæм æфсæддон ахуыртæ кæй сарæх сты, уымæ гæсгæ ахæм хатдзæг саразæн ис - фæрæзтæ Уæрæсейæ цæуы.

- Уый тыххæй дæр кусын хъæуы, цæмæй бюджеты æхца уа. Ацы аз Абхазы милуанæй фылдæр туристы баулæфыд. Æфсæддон ахуыртыл хæрзцъус фæрæзтæ цæуы хардзгонд.

- Ацы аз Абхазы хъахъхъæнынадæн хицæнгонд æрцыд бюджеты фæндзæм хай - 644 милуан сомы, фидæнмæ ацы суммæ фæфылдæр уыдзæн?

- Кæд Гуырдзыстон фылдæр кæны йе фсæддон бюджет, уæд æй мах дæр дыууæ хатты фæфылдæр кæндзыстæм.

 

АБХАЗ ÆМÆ ХЪÆРÆСЕ-ЧЕРКЕСТЫ РЕСПУБЛИКÆТÆ ФИДАРДÆР КÆНЫНЦ ЭКОНОМИКОН БАСТДЗИНÆДТÆ

Хæсты фæстæ фыццаг хатт ацы аз Абхазмæ æрцыдысты 1,1 милуан туристы. Уый тыххæй Хъæрæсе-Черкесты бизнесы минæвæрттæн фехъусын кодта Абхазы президент Сергей Багапш. Йæ ныхæстæм гæсгæ ивгъуыд азы уыдон уыдысты 200 мины бæрц, «2005 азы Абхазы бюджет уыд 800 милуан сомы, æмæ 2007 азы та схиздзæн 1,2 миллиард соммæ (41 милуан доллары)» - загъта уый. Багапш Хъæрæсе-Черкесты бизнес-æмæхсæнадмæ æрсидт Абхазы экономикæ инвестици кæнынмæ. «Мах абон гаранти дæттæм æвæрдтыты æдасдзинадæн. Политикон æмæ экономикон зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, республикæйы ситуаци у сабыр, йæ инвесторон цымыдисдзинад рæзы», - загъта уый.

Абхазы президент ма загъта, зæгъгæ, Хъæрæсе-Черкесты президентæн баныфс æвæрдта, цæмæй Хъæрæсе-Черкесты сабитæн сæ бон баулæфын кæм уа, Сау денджызы былыл æм уыцы курортты номхыгъд æрбавдиса.

Сергей Багапш Хъæрæсе-Черкестæм йе 'рцыды сæйрагдæр нысаныл банымадта «æфсымæрон ахастыты дарддæры фæнд æмæ экономикон бастдзинæдтæ срæвдз кæнын».

 

4СТР.

ДЗОМАГЪГОММÆ ЦАЛЦÆГ КÆНЫНМÆ

Æрæджы та нæ республикæйы 3 боны нæ уыд рухс, Дзомагъы электро-хæххыты цалцæг кæныны куыстытæ кæй æххæст кодтой, уымæ гæсгæ. Бæлвырдæй дзы цы куыстытæ бакодтой, уыдон тыххæй мын радзырдта Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон баиугæнд «Энергетикæ»-йы сæйраг инженер Тедеты Руслан.

- Ацы азы зымæг Дзомагъгомы цы хæххытæн разиан кодта, уыдон аиуварс кæнынмæ æрæвнæлдтам 20 октябры. 1-3 ноябры цы цалцæггæнæн куыстытæ кодтам, уым та æнæмæнгхъæуæг уыд рухсы хахх ахицæн кæнын.

Дзомагъы хидæй, ома фæндагæй 200 м дæрддзæгæн цы телцæджындз ис, уый уыд фæлдæхт, знæт дон ын йæ бын кæй бахордта, уый аххосæй. Уæд телты рæстæгмæ бæлæстæм бабастой, хъуыд сæ бæстон аразын æмæ йæ электрохызæджы кусджытæ сæххæст кодтой хъаруджынæй.

Хæлиузæйцæуæн. Ацы аз дзы æрцыд стыр зæйтæ. Ам цы 3 телы цæуы, уыдон иууылдæр уыдысты зæйы уацары. Уыдонæн дæр фæхуыздæр кодтой сæ уавæр, ома сæ зæйтæй адарддæр кодтой комырдæм æмæ ныр зæйы æрцыдæй федасдæр уыдзысты.

2002 азы Губайы комы зæй аласта дыууæ телцæджындзы. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы комы вæййы иууыл стырдæр зæйтæ. Дзæуджыхъæуы монтажгæнæн организаци  (йæ хисдæр у Къусраты Гиви) ацы бынаты дыууæ цæджындзы ногæй ныссагъта.

- Тростæй дыууæ смонтаж кодтой, иннæйы дæр хъуыд, фæлæ… У бæлæстæм баст, - бафиппайдта Тедейы фырт. Хъыгагæн, куыд рабæрæг, афтæмæй тростæ кæрæдзимæ баввахс сты, уымæ гæсгæ йæ хъæудзæн фæткмæ æркæнын.

Дарддæр. Дзомагъæй дон кæцæй рауагътой Цхинвалмæ, уым дæр сагъд ис цæджындз. Фæндагæй уырдæм у 3,5 км дæрддзæг. Уым тынг зæйцæуæн бынат нæу, фæлæ ацы аз йæ бæрзæнд уыд 40 метры. Уым дæр зæй ахста иу тел.

12 км дæрддзæгыл зæйтæ цæуынц 3 телыл дæр. 21-æм у æфсæйнаг цæджындз, ис Магъы комы. Ис ыл бындурон къуымонтæ цыппар, иуæрдыгæй сæ зæй цæвы æмæ дзы уый аххосæй дыууæ фæтасыд, æрцыд ма дзы æндæр деформацитæ дæр. Сæххæст кодтой уым дæр цалцæггæнæн-æндидзæн куыстытæ. Ацы бынаты 1996 азы иу телы хахх аскъуыд æмæ уымæ гæсгæ зæхмæ уыд 2,5 метры æввахс. Уымæ гæсгæ уалдзæджы, мит тайыны рæстæджы йæ хъыгдардтой бæласы къалиутæ. Бахынцыд æрцыд уыцы згъуыд дæр æмæ йæ аивæзтой. Бакодтой ма цалцæггæнæн куыстытæ æндæр бынæтты дæр.

Кæд Тедеты Руслан отпусчы уыд, уæддæр æм йе 'мбæлттæ бахатыдысты, ахæм куыстытæ æххæст кæнынмæ арæхстджын æмæ фæлтæрд кæй у, уый тыххæй æмæ сразы сæ фæндоныл. Йемæ ма уыдысты Гаглойты Барис, Гæбæраты Алан, Багаты Созыр, Кокойты Марат, Томайты Юри, механик Æлборты Витали, шофыртæ Дзæгъиаты Максим, Хъоцыты Сержик, Хъæцмæзты Гиви, Дзауæй та Цхуырбаты Роме.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ Дзомагъгомы рухсы хахх ис «Севкавэнерго»-йы балансыл æмæ йæ цалцæг дæр хъуамæ кæной уыдон. Фæлæ хъуыддаг размæ не 'ггуырсыд æмæ уæд электрохызæджы разамынд аскъуыддзаг кодта уыцы æндидзæн-цалцæггæнæн куыстытæ хи тыхтæ æмæ фæрæзтæй сæххæст кæнын.

Хицæн æмбæстæгты уайдзæфтæ уыдысты, зæгъгæ, йын аразæн нæ уыд сæрды хъарм æмæ даргъ бонты. Уымæн Тедейы фырт дзуапп радта, зæгъгæ, сæрды мæйты зæйтæ фæтайынц, цæугæдон вæййы стыр æмæ уый аххосæй фæндæгтæ фехæлынц, нал æм вæййы бацæуæн. Куысты бынатмæ цыдысты хæдзæрттæй сæумæрайсомæй æмæ фæстæмæ та здæхтысты изæрдалынгты.

Ахæм уыд цалдæр боны нæ лæппуты æвæллайгæ архайд Дзомагъгомы. Цымæ сын ныр та æрдзы стихи сæ хъаруджын фыдæбонæн цахæм «аргъ» скæндзæн?

ХУЫБИАТЫ Н.

 

МЫГГАДЖЫ КАД - АДÆМЫ ФАРН

Фыдæлты хорзы кой мыггагмæ цæры. Амондджын уыцы кæстæр у, хорз хистæртæ, хорз фыдæлтæ кæмæн ис æмæ уыд.

Хорз фыдæлтæ кæмæн уыд, уыцы хæдзар амондджын у æмæ уыцы хорздзинæдтыл кæстæртæ хъуамæ ахуыр кæной. Фыдæлты фарнæн дæлæмæ æруадзæн нæй, уæд     уыцы кæстæртæ сæхи æгады бынатмæ æппарынц.

Кæуылты у мæнæ ацы æмбисондæн йæ хъуыды: «Хорзæн бын ма скæн, æвзæрæн бын ма ныууадз».

Хæдзар скъола у, æмæ ууыл хъуыды кæнын хъæуы кæддæриддæр. Ирон адæмы хæдзарæн дыууæ номы ис: хорз хæдзар æмæ къулбадæг хæдзар. Кæд фыдæлтæ хæдзарæн хорз ном ныууагътой, уæд æй кæстæртæ хъуамæ бахъахъхъæной, къулбадæджы номмæ йæ ма æруадзой.

Æз Бестаутæй дæн, нæ мыггаг дардыл кæд нæу, уæддæр иннæ мыггæгты 'хсæн æгуы-дзæгыл нымад нæу. Нæ мыггаджы алы хæдзарæн дæр ис йæхи истори, йæхи фарн, йæхи царды хабæрттæ.

Нæ мыггаджы дзæвгар уыд æмæ ис уæздан хистæртæ. Уыдис дзы æмæ дзы ис канд мыггаджы нæ, фæлæ æнæхъæн ирон адæмы ном, кад æмæ фарн бæрзонд чи систа æмæ исы, ахæм разагъта лæгтæ æмæ сылгоймæгтæ. Дардыл хъуыстгонд у Бестауты Светланæ Къостайы чызджы ном. Уый 1969 азæй 1974 азмæ хъазыд Гуырдзыстоны æмбырдгонд командæйы волейболæй. Нымад уыд хуыздæр хъазæгыл. Бæрзонд систа Ирыстоны кад. 1974-1975 азты хъазыд Советон Цæдисы æмбырдгонд командæйы. Бирæ фæсарæйнаг бæстæты равдыста йæ диссаджы æвзыгъддзинад. Уыд Венгрийы, Польшæйы, Латвийы æмæ æндæр бæстæ-ты. Йæ хорз хъазты тыххæй хорзæхджын уыд бирæ грамотæтæ æмæ призтæй. Уый стыр кад уыд нæ чысыл Ирыстонæн.

Бестауты Алымбег хæрз къаннæгæй бауарзта хъæбысæй хæцын æмæ цадæггай йæ арæхстдзинад фидарæй-фидардæр кодта. Хайад иста тынг бирæ ерысты, куыд раздæры Советон Цæдисы, афтæ фæсарæйнаг бæстæты дæр. Гъе, æмæ ирæтты 'хсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй Бестауты Алым-бег ссис дунейы фыццаг чемпион.

Бестауты Барис Иваны фырт. Хæрз къаннæгæй фæстæмæ зæрдиагæй архайдта йæ зонындзинæдтæ фылдæр кæныныл æмæ ссис Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты доцент, физикон хъомылады факультеты декан. Ныр цыппæрдæс азæй фылдæр уый кусы æвзонг фæлтæры хъомыл кæныныл, амоны сын хъæбысæй хæцыны сусæгдзинæдтæ.

Нæ мыггаг буц æмæ сæрыстыр у Бестауты Бала Иваны фыртæй. Нæ сыхаг гуырдзиаг тугмондаг фашисттæ нæм куы æрбабыр-стой, уæдæй абоны онг Бала лæууы Ирыстоны хъахъхъæнджыты фыццаг рæнхъыты. Удуæлдай тох кæны Ирыстоны сæрибардзинадыл, йæ фидæныл.

Бала къорд азты у клуб «Апполон»-ы активон уæнг. Хъомыл кæны æвзонг фæлтæры ирон æгъдæуттыл, уарзын сын кæны Ирыстоны диссаджы рæсугъд æрдз.

Кæнæ ма сисæм канд йæ мыггаджы нæ, фæлæ æмткæй ирон адæмы кад бæрзонд чи систа, уыцы Бестауы. Уый уын æз Гиуæрги Гиглайы фырты кой кæнын. Райгуырд Годжиты хъæуы.

Бестауты Гиуæргийæн мыхуырæй рацыд чингуытæ «Уадтымыгъ», «Царды цин», «Æхсæв æмæ бон», «Арты æртæхтæ» æмæ æндæртæ. Уый ма тынг арæхст тæлмац кæнынмæ дæр, уæлдайдæр та гуырдзиаг æвзагæй ирон æвзагмæ. Уымæн æвдисæн -  «Стайы цармдарæг».

Гиуæрги кæд не 'хсæн нал ис, уæддæр йæ ном цæрдзæн, цалынмæ ирон æвзагыл дзурæг уа, уæдмæ.

Нæ мыггаджы разагъта адæймæгты кой, нæ фыдæлты кой кæнын, фæлæ… Ирон  адæмы ном æмæ кад бæрзонд чи систа, нæ уыцы уарзон Къоста афтæ дзырдта: «Дæ фыдæлтæ рухсаг,

Дæхæдæг мын бæзз».

Гъе, æмæ нæ мыггаджы лæппутæ æмæ чызджытæ дæр кадыл мæлгæ сты, сæ уд хъарынц куыстыл æмæ ахуырыл. Æз мæхæдæг дæр скъоладзау дæн. Мæ сæйраг хæсыл нымайын ахуыр кæнын æмæ дæн ахуыры раззагон, мæ уд хъарын, цæмæй æмгæрттæ æмæ хистæрты цæсты æгад мацæмæй уон. Мæ ныййарджытæн аргъ кæнын кæддæриддæр, фыдæлты хъуыддæгтæй хорзæй цы хъусын, уыдæттыл мæ уд хъарын. Æгъдау æмæ æнæгъдау цы сты - раджы сæ бамбæрстон æмæ кæддæ-риддæр æвзарын хорз, зæрдæмæдзæугæ фæндæгтæ.

Сусæггаг нæу, мæ цахъхъæнтæй чидæртæ æгуыдзæджы, æгады фæндæгтæ кæй равзæрстой, уый. Хизын сæ мæхи.

Нæ дуг хæццæ у, фæсивæдæн кæддæры уавæртæ æмæ фæндæгтæ нал ис. Æвзæр, мæгуырау дугимæ та хæцын хъæуы æмæ мах, фæсивæды, йемæ хæцын хъæуы æгъдауджынæй æмæ хорз ахуыр кæнынæй.

Цардмæ иу боны цæстæй кæсæн нæй. Гъе, æмæ æз архайдзынæн ууыл, цæмæй нæ фыдæлты фарн дæлæмæ ма 'руадзон. Ууыл мæ хъомыл кæнынц мæ ныййарджытæ, мæ ахуыргæнджытæ. Мæ фыдæлтæ уыдысты разагътайы лæгтæ, мæхæдæг та - суинаг фæлтæрæй. Архайдзынæн мыггаджы кад бæрзонддæр кæныныл.

БЕСТАУТЫ Чермен,

Цхинвалы 2-аг астæуккаг скъолайы

10-æм къласы ахуыргæнинаг

 

5 СТР.

 

НАФИ

    Райдиан кæс 85, 86 номыры

Фæкуыста-иу æрдæгæхсæвмæ, стæй-иу фыдзымæджы хъармгæнæн радиаторы фарсмæ йæ салдаттаг цинелы бын батылд зæронд адеалыл. Стæй йæ 1947-æм азы æртхъирæны мæйы райдайæны аивтой Хуссар Ирыстоны главлиты бæрнджыны-цензоры бынатмæ.

Уыцы бынат уæд бæрнон уыдис, фæлæ дзы мæлæты хæлхæлагæй ницы уыдта, кæд мыхуыры паддзахады сусæгдзинæдтæ хъахъхъæдта, уæддæр. Уæлдайдæр ын балæууæндон нæма уыдис, фæлæ нæ сахары Тбилисы уынгыл нывгæнæг (уæд йæ уд хъардта литературон уацмыстæ фыссыныл дæр) Къæбысты Никъалайæн хæдзары номыл уыдис иу хатæн, æмæ дзы æрбынат кодтой æртæ æвзонг фыссæджы, æртæ фронтовичы - Къола, Нафи æмæ Букуылты Алыкси. Сæ хæдзар хуыдтой курилка æмæ-иу сыл мæгуырæй дæр, хъазгæ-худгæйæ, царды фæндтæ кæнгæйæ, сбон, сæ уацмыстæ кæрæдзийæн кастысты, афтæмæй. Нафийы та 1949-æм азы райдианы - тъæнджы мæйы 16-æм бон аивтой республикон газет «Заря Востока»-йы Хуссар Ирыстоны областы сæрмагонд уацхæссæгæй. Уыцы рæстæджы Нафи фæсаууонмæ ахуыр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты историон хайады. Æмæ фæлдыста, фæлдыста, фæлдыста аивадон уацмыстæ. Фæлæ йæ стыр аивадон чингуытæн хъуыдис стыр ахуырад. Профессионалон филологон ахуырад.

Æмæ йын, - Хуыцау дын æй ердойæ куыд æрæппара, уыйау, - уыцы ахуырад райсынæн фæцис рæстæг.

               3. АХУЫРДЗАУ ЛÆППУ

Ахуырадæн кæрон нæй. Цас йæ æрфыты цæуай, уыйбæрц дæ йæ фæдыл тынгдæр сайы. Нафи пединститут каст фæцис 1949-æм азы. Уæды, стæй ныры нымадæй дæр  цæттæ лæг. Куыста республикæйон газеты сæрмагонд уацхæссæгæй. Уыцы аз мыхуыры рацыд йæ поэтикон уацмысты фыццаг æмбырдгонд… Амондæн æндæр цастæ хъæуы?

Фæлæ Нафимæ ноджы бахудт йæ амонд.

Уыцы аз ССР Цæдисы Зонæдты Академи Ирыстонæн аспирантурæмæ рахицæн кодта бынæттæ. Хуссар Ирыстонмæ дзы æрхаудта 7 бынаты. Цæмæй нæм уæлдæр ахуырад æмæ зонады хъуыддаг фæрæвдздæр уыдаиккой. Æгъатыр хæсты фæстæ советон разамынад паддзахадæн æрмæст йæ хъæууон хæдзарад, сæудæджерад æмæ хæстон хъомысад нæ рæзын кодтой, фæлæ сæрмагонд хъусдард здæхт уыдис æнæниздзинад, рухсад, зонад, аивад, культурæ, стæй алы къабазмæ дæр. Сæ зæрдыл æрлæууыдис Ирыстоны зонад дæр.

Аспирантурæмæ уыцы бынæтты тыххæй Нафи йæхæдæг афтæ зæгъы: «Уыдонæй æртæ уыдысты пединституты (ома, Хуссар Ирыстоны пединституты- Хъ. М.) кусджытæ, зонæдты кандидаты ном кæмæн нæма уыди, ахæмтæ; æртæйæ - астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ. Хъуыдис ма иу лæг, литературæзонады специалист кæмæй рацыдаид, ахæм. Федыр (Гафез - Хъ. М.) æй базыдта æмæ ныффæнд кодта мæн уырдæм арвитын. Хицæуттимæ бадзырдта, Обкомы скъолайы хайады гæс уыди Гаглойты Михаил æмæ йын уыимæ дзурын æнцон уыд. Мæнмæ ныууырдыг: «Ацу, бирæ цæрай, æмæ исты базонай!»… Мæн нæ фæндыди: нымадтон - æз историйы факультет фæдæн каст, экзаментæ уырыссаг литературæйы историйæ хъæудзæн дæттын æмæ куынæ бахауон, уæд худинаг кæнын… Федырæн та æндæр æфсон æрымысыдтæн - иуы фæлыст пысулты куыд ацæуон, уæд та мæ хæлаф аскъуыд, уæд цы кæндзынæн æцæгæлон горæты?..

Федыр бацыд йæ дзаумæтты скъапмæ, дыууæ райстбавæрд костюмы йын уыд, сæ ногдæры райста æмæ мын æй мæ армы ныссагъта: «Гъа, æфсæнттæ мауал кæн, дæхи цæттæ кæн дард фæндагмæ».

Ам сæйраг нæдæр Нафи историк уæвгæйæ аспирантурæмæ литературæйы фæдыл кæй цыд, уый у; нæдæр - Гафез ын йæ хуыздæр костюм кæй сфыццаг кодта, æмæ-иу ын уый фæстæ хаттæй-хатт мæстæймарынæн куыд дзырдта: «Мæ хæлаф дын баххуыс кодта, æндæра цы аспирантурæмæ бахаудаис, уый лæппутæ федтаиккой!..» - уый.

Нафи уæд йæ тæккæ усгур лæппуйыл уыд - 25 аздзыд поэт-æфсæддон уæлдæр ахуырадимæ! Бинонтæ æркæн æмæ, цæр æмæ цæр! Уымæн та йе 'нæрæнцой зæрдæ тыдта размæ; скъæфта йæ стæры, кæй нæма зыдта, уыцы æнæсгæрст атагъатæм. Уæд дæр æмæ ныр дæр æфсæнттæ кæны - Гафез æй раст фæхатыд. Федыр, зæгъгæ, нæ «ныффæнд кодта» уырдæм йæ арвитын, уæддæр йæхæдæг æндæр цыдæр æрымысыдаид йæ удæн. Æмæ раст бакодтаид - иуран лæууынæй ма дон дæр хъуына кæны.

Хъуыддаг уыд - уый цахъхъæн ахуырдзаумæ цæстдарынæй армдарын тынгдæр фæхъæуы. Уымæ хæдзарæрдыгæй æххуысы къух ничи фæдаргъ кодтаид. Фæлæ йæхи размæ чи феппары, уый йæ чъылдымыл уыйбæрц нал фæхъуыды кæны. Нафи цæмæй зыдта, Гафезæй кæй нæ ферох уыдзæнис, алы бæрæгбоны йын лæвæрттæ æмæ æхца кæй æрвитдзæн. Уæддæр æй йæ зæрдæ скъæфта размæ, кæй нæма зыдта, уыцы сусæгдзинæдты дуар бакæнынмæ. Майрæмы мæйы 17-æм бон араст Ленинградмæ. Ахуыр кæнын райдыдта ССР Цæдисы зонæдты академийы Уырыссаг литературæйы институты (Пушкины хæдзары) аспирантурæйы. «Æцæ-гæлон адæм, æцæгæлон бæстæ» Къостайы туг дæр куы нуæзтой æхсныфæй («Æнæ хай»), уæд Нафи 1953-æм азмæ аспирантурæйы ахуыр кодта, æмæ цыппар азы радтæг адæм, Фыдызæххæй иппæрд поэт иууыл дзул кæцæй тылдта мыды! Бæллыд Ирыстонмæ: «Æтт! Цæмæннæ ис зæрдæйæн уырдæм зарæджы арвитæн!» («Ирыстон») Йæ фынты дæр йæ зæрдæ йæ райгуырæн уæзæгимæ дзырдта:

 

Зыд цæстытæй ыскæсын æз нæ хæхтæм,

Зæрдиагæй сын акувын мæ сæрæй.

Фæззыгон тауыл æхсæвы æртæхтæ

Мæ къухы уырзтæй басгарын хуыздæрæн.

 

Ыстæй фæцæуын худистæй нæ хъæдмæ -

Уæлыгæсæй рæвдыдта мæн, хъæбулау.

Фæкæсынц джихæй райсоммæ æнхъæлмæ,

Сæныччы хъустау, сыфтæртæ зæбулæй.

 

Æрыздæхын нæ колхозы зылд кæртмæ,

 Мæ хæлар галты радыгай ысгарын.

Нæ сæрвæтты фæхъомыл дæн, æмгæрттæ,

Мæ армы тъæпæн фосæн уыд цæхдарæн.

                               («Дзуапп мæ хæларæн»)

 

Стыр францаг революцийы хайадисæг Жорж Жак Дантоны загъдау, Фыдыбæстæйæн адæймаджы цырыхъы бынтыл ахæссæн нæй. Фæлæ йын ис зæрдæйы æвæрæн. Уырдыгæй йæ никæй       бон вæййы скъахын. Нафи дæр йæ зæрдæйы ахаста Ирыстоны йемæ; æппынæдзух, хъалы уа, æви фыны, йæ хъуыдытæ уый алыварс уымæн зилынц:

 

 

Хæдзари-хæдзар азилын. Мæн къахæй

Фæцæуын кæны 'гас хæхтыл мæ зæрдæ.

Уым сабитæ «Ирон фæндыр» фæлдахынц,

Дунейы митыл уым сæттынц сæ сæртæ…

 

Лæппу йæ мадæй дард бæстæм фæцыдис,

Фæлæ рæхджы тæхдзæн фæстæмæ, фатау.

Зæгъ-ма, лæгæн дыууæ мады кæд уыдис?

Фыды уæзæг дæр иунæг вæййы, мадау.

 

Поэты уыцы уарзт кæны размæ. Уый цинæй нæ аурæды йæхиуыл. Кæны удуæлдай ахуыр, удуæлдай куыст. Æмæ куыддæр аспирантурæ фæцис каст, афтæ 1953-æм азы джиуæргуыбайы мæйы бахъахъхъæдта диссертаци ахæм темæйыл: «Коста Хетагуров и русская литература».

Къостайы цард æмæ сфæлдыстады уырыс æмæ уырыссаг литературæйæн стыр нысаниуæг ис. Йæхæдæг йæ удæгасæй нымад уыдис уырыссаг поэтыл. Уымæй дæр - зынгæ уырыссаг поэтыл. Йæ фæзианы тыххæй газет «Терские ведомости» хуымæтæ-джы нæ хъусын кодта: «19-го марта скончался знаменитый осетинский и известный русский поэт Коста Хетагуров». Фæлæ генион поэт æмæ уырыссаг литературæйæн цы стыр бастдзинæдтæ ис, уыдон раргом кæнын хъуыд зонадон æгъдауæй.

Уыцы хъуыддаг æнцон нæ уыдис. Фæлæ йæм куыстуарзаг лæппу бахаста йæ ныфс. Æмæ раст бакодта - уыйфæстæ йын йæ бирæ фæллой тынг феххуыс йæ гуырахстджын монографитæ «Тема Кавказа в русской литературе и в творчестве Коста Хетагурова», «Коста Хетагуров», стæй йæ удуæлдай зонадон куыст 4 томæй (фæстаг 2 томы, хъыгагæн, рухс нæма федтой) «История осетинской литературы» фысгæйæ.

Йæ сæйраг хъуыды уыд æргом æмæ фидар: «В литературе о Коста Хетагурове давно стал общим местом тезис о том, что его творчество выросло на благодатной почве русской классической литературы и осетинского устно-поэтического народного творчества. Тезис этот бесспорен». Фæлæ йæ, поэты цард æмæ сфæлдыстад, уырыссаг литературæйæ бæлвырд цæвиттонтæ исгæйæ, стæй сын арф æмæ алыварсон анализ дæтгæйæ, хъуыдис зонадон æгъдауæй сбæлвырд кæнын. Æмæ йæ æнæдызæрдыгæй сбæлвырд кодта нæ диссертант.

Диссертацийæн уыдис æмбæлон æнтыст. Джусойты Нафи йæ зонадон фæндагæй-аспирантурæ каст кæй фæцис, уымæй æрмæст йæхицæн нæ, фæлæ скад кодта Ирыстонæн: 1954-æм азы нæм æрыздæхт филологон зонæдты кандидаты номимæ, фæстæдæр та ныффыста æмæ æнтысгæйæ бахъахъхъæдта докторон диссертаци ахæм темæйыл - «История осетинской литературы» (Октябры революцийы агъоммæ).

4. «ЫСУАДЗ ÆХСОНЫЛ ДÆР ХЪАМБУЛ ТАУ…»

Ысуадз æхсоныл дæр хъамбул тау,

Зæххон цард уалдзæгау фæлындз…

Уый Нафийы хъуыды у. Æргом æмæ фæндвидар хъуыды. Фæлмæн, хъæздыг мæры сысылыйы тау раздæр сгæпп кæндзæнис. Хохы æнцъылдтыты уидаг ауадзын дæр уыйбæрц диссаг нæу. Фæлæ æцæг алæмæтон хъуыддаг у, къæртт раппарæн кæмæй нæй, уыцы æхсоныл тау суадзын. Уымæй дæр, хъамбул тау.

Гъай-гъайдæр, тынг зын у. Уæлдайдæр, нæ поэт æмæ æвзонг ахуыргонд Ирыстонмæ куы æрыздæхт, уæд, Сталины амæлæты фæстæ, тоталитарон дуг кæй хонынц, уый бæрæг фæсаст, фæлæ теуайы уаргъ цасфæнды ныккæлæд, уæддæр дзы хæрæгуаргъ аззайы. Джыккайты Шамил афтæ уымæн зæгъы: «Абон æнцон у рæстдзинадыл дзурын. Хъæрццыгъайы куы асурынц, уæд уасæг каумæ стæхы æмæ хъæрæй хъихъри кæнын байдайы. Фæлæ уæд, 50-æм азты, æцæгтæ дзурын тæссаг уыд. Уыцы уавæры сæвзæрд æмдзæвгæ «Булæмæргъ кæд зары». Уым Нафи расидт йæ поэтикон æмæ эстетикон фæтк: булæмæргъ(поэт) зары æхсæв, зæрдæуынгæг мæйдары, адæм тыхст куы вæййынц, уæд. Уыцы зарæг дæтты ныфс, хæссы рухс, фидар кæны зæрдæ, æвзæрын кæны бæрзонд фæндиæгтæ».

 

Зæгъма мын: булæмæргъ кæд зары?

-Æхсæв, зæрдæуынгæг мæйдары, -

Лæджы уд а-зæххыл бындарау,

Куы бафты тарф фын æмæ сарыл!

 

Лæг зардмæ фесхъиуы йæ фынæй,

Зындæр фæндиæгтыл ныххæцы,

Ныккæрзы зæрдæйы рæбынæй

 Æмæ йæ мæстытыл ныхъхъæцы!

 

Æрмæст кæд цины бонты зарай, -

Поэт нæ дæ!

Хъыджы бон хус цæссыг куы 'ппарай, -

Поэт нæ дæ!

 

Æрмæст цины бонты чи илæ-лæй кæны, хъыджы бон та гæдыйы цæссыгтæ чи æппары, уыдон Нафимæ поэттыл нымад никуы уыдысты æмæ не сты. Уы-донæн царды идеал нæй. Сæ мысан фындзæй агурынц, цæмæй бадой дзаг фынгыл. Джусойы фыртмæ поэттæ нæ, фæлæ гуыбындзæлтыл нымад уымæн сты. Поэт, Данкойау, хъуамæ адæмы разæй цæуа, йæ зæрдæ йæ армы цæхæркалгæ хæсса. Нафи фыддуджы фæндвидар уымæн у:

 

Зæгъ-ма мын: булæмæргъ кæд зары?

-Æхсæв, зæрдæуынгæг мæйдары, -

Лæджы уд, дзыллæйы бындарау,

Куы бафты тарф фын æмæ сарыл!

 

Лæджы зард карз дуджы æхсарæй

Куы 'мбæла зæрдæйы дыуарыл,

Уæд лæг йæ хъыг æмæ йæ сары

Зæрдæ 'мæ зонды тых ыссары!

 

Ахæм æргом дзырдæн уæд мыхуырмæ фæндаг кæй нæ уыдис, джиппы рауадзын та йæ кæй хъуыд, поэт дзы уымæн ссардта, мæнмæ гæсгæ, Къостайы рухс ном. Мæхицæн дæр уыцы хуымæтæг, хæйрæг амал зындгонд у, уымæн мæм афтæ кæсы.

Фæлæ, куыдфæнды уæд, Нафи Ленинградæй куы æрыздæхт, уæд 1954-æм азы æртхъирæны мæйы 11-æм бон кусынмæ бацыд Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты ирон æвзаг æмæ литературæйы хайады къухдариуæггæнæгæй æмæ уæхскуæзæй æрæвнæлдта литературæ æмæ зонад аразынмæ.

                                                             Уыдзæн ма.

 

6 СТР.

ÆВЗАДЖЫ РАГОН ÆУУÆЛТÆ НЫРЫККОН ÆВЗАДЖЫ

Бæрæг куыд у, афтæмæй нæ рагфыдæлты уаз æгъдæуттæй, традицитæй, цардуагон хъуыддæгтæй бирæ цыдæртæ ферох кодтам, фæлæ ирон æмбисонд мæнгæй нæ зæгъы, фыдæлты фарн мæрдтæм нæ цæуы, зæгъгæ. Цы ферох кодтам, уыдонæй дæр бирæ фæрнджын æууæлтæ баззадис æмæ нын абон уыдон фæрцы æнцондæр у цæрын. Æз ам алцæй кой нæ кæндзынæн, фæлæ мæ зæгъын фæнды, ирон æвзаджы цавæр æууæлтæ баззад, уыдон тыххæй.

Рагон ирон æвзаджы дыууæбындурон вазыгджын дзырдтæ æмбæлдысты инверсион хуызы, ома, нырыккон ирон æвзаджы ахаст куыд домы, афтæ фыццаг бынаты дзырды бæрæггæнæн хай нæ лæууыдис, фæлæ бæрæггæнинаг хай. Зæгъæм: ардавда, ардалан, Дайран (Дариалан), Цъамад (мады цъай), Армаз, Сартицъала, Цъалтар, Хъеуселт, Кемерт, Ардабурди æмæ æндæртæ. Нырыккон ирон æвзаджы ацы дзырдтæй сæ фылдæрæн сæ инверсиондзинад фæивта æмæ æмбæлынц, æвзаджы фæтк куыд амоны, ахæм хуызы, ома фыццаг бынаты ис бæрæггæнæн хай, дыккаг бынаты та дзырдæн йæ бæрæггæнинаг хай. Зæгъæм: Аларды (аланты ард), авд арды, аланты дуар, мады цъай, асы армæй, цъалайы сæртæ, тар цъала æмæ æндæртæ. Иубакастæй афтæ зыны, цыма æвзаджы рагон æмæ нырыккон æууæлты æхсæн иумиагæй ницыуал баззад, фæлæ уый афтæ нæу. Рагон ирон æвзаджы æууæлтæ ирдæй зынынц æмæ бирæ цæмæйдæрты æххуыс сты ныры æвзаджы рæзт æмæ размæ цыдæн. Зæгъæм: хурзæрин (зæрин хур), фæндараст (рæствæндаг), зæрдæхæлар (хæларзæрдæ), дзырдаивад (аив дзырд), боны хорз (хæрзбон) æмæ бирæ æндæртæ. Афтæмæй, зæгъæн ис, æмæ ирон æвзаджы вазыгджын дзырдтæн сæ рагон æмæ сæ нырыккон хуызтæ цæрынц æмуд, æмбартæй. Цæмæй уыцы хъуыддагыл фидарæй баууæндæм, уый тыххæй ма æрхæсдзыстæм ноджыдæр, нæ дзырдтæ, нæ хъуыдытæ цæмæй бафидар кæнæм, ахæм дæнцæгтæ: зæрдæдзæф - цæф зæрдæ, лæгæвзæрст -æвзæрст лæг, удæфхæрд - фæхæрд уд, зондцух - цух зонд, уагиппæрд - иппæрд уаг, быныстæрд - стæрд бын, былкъахыр - къахыр был, æрмдæсны - дæсны арм, гуырвидыц - фидауцджын гуыр, Бегсолтан-Солтанбег, Ханджери-Джерихан, Бекмырзæ-Мырзабег, Хъантемыр - Темырхъан. Уый нæ, фæлæ ма рагон ирон дзырдтæ сæ инверсион хуызы дæр æмбæлынц нырыккон æвзаджы. Зæгъæм, Майрæмсау, Тæбæх(гъ) саутæ æмæ æндæртæ.

Рагон ирон æвзаджы æууæлтæй ма ныры ирон æвзаджы иуæй-иу ныхасздæхтытæ бахъахъхъæ-дтой «Ч» дæр, ома, «Ц», кæнæ «Дз» кæм хъæуы, уым дзурынц «Ч», кæнæ та «Дж» æмæ «Ж». Зæгъæм: Дзæбæх - жæбæх, дзидза - джижа, æнцад - æнчад, æнцой, æнчой, ранцай-банцай - ранчай-банчай.

Ацы «Ч»-йы Чысангомы иуæй-иу рæтты дзурынц ноджы хъæбæрдæрæй: ацырдæм - ачырдæм, пец-печ, уыцырдæм- уычырдæм.

Ирон æвзаджы рагон æууæлтæй ма абон æмбæлы, уæлдайдæр адæмон сфæлдыстады уацмысты, иуæй-иу нымæцонтæ. Зæгъæм: авд авды, æртæ фондзы, дæс дæсы, сæдæ сæдæйы, мин мины æмæ æндæртæ.

Цымыдисон сты, рагон ирон æвзаджы иумæйаг нæмттæй цы сæрмагонд нæмттæ сырæзт, уыдон. Адон аразынц стыр къордтæ, стæй æмбæлынц дунейы бирæ бæстæты, бирæ адæмты æвзæгты. Уый ууыл дзурæг у, æмæ нæ фыдæлтæ рагзаманты кæй æмбæлдысты дунейы бирæ адæмтимæ æмæ сыл кæй уагътой се ‘ндæвдад. Зæгъæм: курт-алан, турк-алан, гот-алан, вандалтæ æмæ алантæ, нартæ æмæ чынтæ, хъипчагътæ æмæ алантæ, картл-остæ, Алан, Роксалан, Ален, Алон, Берталан, Арсалан, Тана, Аланир.

Ирон адæмы рагфыдæлтæй иу къабазы хуыдтой Астæ. Ацы дзырдæй равзæрд бирæ сæрмагонд нæмттæ канд ирон адæммæ нæ, фæлæ бирæ æндæр адæмтæм дæр. Зæгъæм: Ассæ, Ассе, Аслан, Аспар, Асан, Асæхмæт, Астемыр, Аса, Яста (уый дæр «ос»-ты формæ у), Ясберен, Джадарос, Фарнаваз, Дианоз, Адиноз, Осман, Картлос, Оскъи, Осе, Осиатæ, Осиаури, Осишвили.

Ирæтты бирæ адæмтæ хуыдтой куыд «ир», афтæ «ер» дæр. Уыцы бындурæй дæр равзæрд куыд сæрмагонд (адæймаджы) нæмттæ, афтæ топонимтæ дæр. Зæгъæм: Ерди, Ерманоз, Еруслан, Ертугъан, Ермин, Еред, Ерман, Ергнет (Ерджынет). Дзæвгар сæрмагонд нæмттæ (топонимтæ) равзæрд «Ир»-æй дæр - Таир, Маир, Ирбег, Иртох, Ирыстон Ногир æмæ æндæртæ.

Ирон адæмы рагфыдæлтæ - скифтæ цардысты зæххы къорийыл бирæ бынæтты æмæ дзы алы ран дæр ныууагътой сæ фæд сæрмагонд нæмттæ æмæ топонимты хуызы. Зæгъæм, скифтæм Дон хуындис Танаис. Адæм куыд ивгæ цыдысты, афтæ ацы дзырд дæр йæ хуыз ивта æмæ райста ахæм хуызтæ: Танаис, Тана, Дан, Тан, Тун, Дун, Дон. Ахæм нæмттимæ цæугæдæттæ æмбæлы дунейы тынг бирæ рæтты.

Ирон адæмы раг фыдæлтæм æмæ ныры ирæттæм дæр традицион у, кæм цæрæм, уый «ком» хонын. Ацы номæн нæ рагфыдæлтæм уыдис æндæр æмæ æндæр хуызтæ. Зæгъæм: кем, кум, кам, гом. Цæугæдон Волгæйы къабæзтæй иу хуыйны Кама, ома комы дон. Ахæм номимæ топонимтæ æмбæлы бирæ бæстæты. Зæгъæм Венгрийы ис Эстергом. Нæхимæ та тынг арæх сты топонимтæ уыцы номимæ: Стырком, Дагом, Цъалагом, Дзимыргом, æмæ æндæртæ. Афтæмæй ирон адæмы рагфыдæлты æвзаджы бирæ миниу-джытæ, бирæ æууæлтæ абон дæр æмбæлынц канд Ирыстоны, ирон адæмы æхсæн нæ, фæлæ дунейы бирæ рæтты. Нæхимæ та сты канд сæ рагон инверсион хуызы нæ, фæлæ уыимæ дæр æмæ нырыккон хуызы дæр.

                                                     ЦГЪОЙТЫ Клим

 

ÆНÆНИЗÆЙ ЦÆРУТ, АДÆМ!

Советон Цæдисы ныппырх царды алы къабазыл дæр фæзындис æвзæрæрдæм. Уыцы нымæцы медицинæйыл дæр. Æрбакъуындæг сты йæ авналæнтæ. Хатт ахæм уавæр вæййы, æмæ дохтыры тынг зæрдиагæй фæнды тыхст рынчынæн баххуыс кæнын, йæ низ ын фæрог кæнын. Зонгæ дæр фæкæны, рынчынæн йæ уавæр цæмæй фæрогдæр уаид, уый, фæлæ уыцы удæнцойы фæрæз йæ къухы нæ вæййы æмæ уæд рынчынæй йæхæдæг тынгдæр стыхсы. Низы раз афтæ цыбыркъух кæй у, уый тыххæй йæм йæ цард царды хуызæн нал фæкæсы. Советон дуджы хъуыддаг бынтон æндæргъуызон уыдис. Цæмæй нæ дзырдтæ бауырнинаг уой, уый тыххæй зæгъдзыстæм Знауыры районы тыххæй.

Ивгъуыд æнусы 1991 азы онг районы æппæт хосгæнæн-профилактикон уагдæттæ истой æмбæлон финансон фæрæзтæ æмæ æрвыл мæй дæр сæ бон уыдис, цух цæмæй сты, уыцы хосгæнæн фæрæзтæ самал кæнын. Рынчынæн-иу æвæстиатæй бакодтой, сæ авналæнтæ сæ цас амыдтой, уый бæрц медицинон æххуыс. Уыцы азæй фæстæмæ районы иунæг хосгæнæн-профилактикон уагдон дæр, районы рынчындонæй дарддæр, финансон æххуыс нæ исы. Районы рынчындон цы æхцайы кадавар фæрæзтæ исы, уыдон та сты тыхст рынчынæн тагъдыл æххуыс цы бачындæуа, æрмæстдæр уый фаг. 1995 азæй 2000 азы онг æппæт хосгæнæн уагдæттæ медикаменттæй ифтонг кодтой, «Дохтыртæ æнæ арæнтæй», зæгъгæ, уыцы организаци æмæ гуманитарон æххуыс истой Республикæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадæй. 2000 азæй фæстæмæ районы медпункттæ æмæ амбулаторитæ медикаменттæй ифтонг кæны, АДРА, зæгъгæ, уыцы организаци, гуманитарон æххуыс та исынц республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадæй. Ахæм гуманитарон æххуыс исæм æдзух дæр. Цы райсæм, уыдон дих кæнæм районы æппæт хосгæнæн-профилактикон уагдæттыл æмæ дзы алчи дæр райсы хъæдгæмттæн æрмæджытæ, шприцтæ, антибиотиктæ, зæрдæйы хостæ, рыстуромæнтæ æмæ æндæр æнæмæнгхъæуæг хостæ, стæй гæрзтææхсæн ссадæгтæ, сапæттæ æмæ æндæртæ.

Хъорнисы хъæууон администрацийы терри-торийыл нын ис иу уæззау рынчын æмæ уый æрвыл мæй дæр æнæаргъæй исы 1248 сомы аргъ инсулин.

Районы рынчындоны алы хатт дæр вæййы æнæмæгхъæуæг хостæ æмæ гæрзтæ æхсæн æрмæджытæ. Нæхæдæг кæй байуарæм, уымæй уæлдай нæм чи бахаты, уыдонæн раттæм æвæстиатæй, цы фæагурынц, уыцы хостæ.

Хъорнисы хъæууон администрацийы территорийыл нын ис хосгæнæн амбулатори, стæй Хъорнис æмæ Арчънеты - медицинон пункттæ. Хъорнисы медпункт 1992 азы онг уыдис дыууæуæладзыгон агъуысты, фæлæ зæххæнкъуысты рæстæджы ныппырх æмæ цыппар азы дæргъы куыста къаннæг вагоны мидæг, уый фæстæ æнæхицауадон организаци ацы уагдонæн сцалцæг кодта раздæры хъæууон бани æмæ ныртæккæ ис уым. Районы æппæт хосгæнæн-профилактикон уагдæттæ дæр цалцæг æрцыдысты ацы организацийы æххуысæй æмæ дзы уый тыххæй стæм бузныг. Ацы организаци ма ноджы самал кодта хос-гæнæн уагдæттæн, чи дзы цы медицинон ифтонггæрзтæй уыдис цух, уыдон дæр.

 Нырыккон медицинæ цы домы, афтæ ифтонг сты нæ районы хосгæнæн-профилактикон уагдæттæ алцæ-мæй, зæгъæм, уый зæгъæн нæй. Уый уырнгæ дæр никæй бакæндзæн. Медицинон уагдоны сæйраг рахæ-цæн сты медицинон кусджытæ, уæлдайдæр та хорз дæсныйад æмæ фæлтæрддзинад кæмæ ис, ахæм дохтыртæ, медицинон хотæ. Уыдонæй тынг хъуаг æййафынц районы рынчындоны æмæ хъæууон хосгæнæн уагдæтты дæр, уыдонæн ма ныр аззад сæ кæцыйæмдæр хай. Царды уавæртæ дæр æмæ куысты уавæртæ дæр аф-тæ æрбакъуындæг сты æмæ сын алчи нæ бафæрæзта. Дохтыртæн сæ фы-лдæр фæлыгъд районæй хуыздæр цард æмæ куысты парахат уавæрты æнхъæл. Ныр ма нæм цы бæрц дохтыртæ аззад, уыдон фылдæр хатт бахъæуы, сæ дæсныйадмæ гæсгæ сæм цы нæ хауы, ахæм низтæн хос кæнын. Хъæууон медицинон уагдæттæ ма кæд-дæрау æхцайы фæрæзтæ куы исиккой, уадз цъус дæр уæнт, уæд-иу самал кæниккой, тынгдæр сæ чи хъæуы, ахæм хостæ, науæд бар æнæбары райсынц, тынг сæ чи хъæуы, ахæм хосты бæсты, цы сын дæттынц, уыдон.

Ис æндæр проблемæтæ дæр, фæлæ ныртæккæ мах, нæ республикæйы адæмы цæрын хъæуы ирон æмбисондмæ гæсгæ, ома, нæ къæхтæ хъуамæ даргъ кæнæм, нæ уат куыд у, уымæ гæсгæ.

Ам ма мæ бузныджы æнкъарæнтимæ фæнды знауыраг лæппу Зассеты Людвиджы кой ракæнын. Уый нæ рынчындонæн бакодта спонсорон æххуыс: балхæдта 123 мин сомы аргъ хостæ районы рынчындонæн æмæ, медицинон æгъдауыл фæлыст чи у, ахæм ма-шинæ. Ахæм адæймæгтæ рæсугъд кæнынц цард. Ахæм адæймæгты фæрцы махæн, дохтыртæн, нæ бон сæрыстырæй зæгъын у, æнæнизæй цæрут, зæгъгæ, адæм, æмæ сын хъуыддагæй дæр нæ бон у ахæм «ныхас» зæгъын.

ГÆБÆРАТЫ Эммæ,

Знауыры районон рынчындоны сæйраг дохтыр

 

ÆВЗОНГ ХЪÆЛÆСТÆ

 

ДЖИОТЫ АЗЕЛИНÆ

 

МАД

Йæ мидбылты худт,

Йæ фæлмæн къухтæ.

Мадæн йæ уд

Сты йæ хъæбултæ.

 

Йæ цæстыты сыг,

Йæ фæлмæн зæрдæ…

Уарзын æз тынг

Йæ адджын дзырдтæ.

 

'Рмæст иунæг дзырд «Мад»

Куыд зæрдæскъæф у,

Мæ зæрдæйы кад,

Мæ уаз хъуыды у.

 

Йæ мидбылты худт,

Йæ адджын ныхас…

Лæууы æдзухдæр

Мæ цæстыты раз.

 

 ФÆЗЗÆГ

Хъарм бæстæм фæтæхынц мæргътæ,

Урс хæхтæм лæгæрды хур…

Чидæр хъазы хуры тынтæй

Уæртæ иу къуылдымы цур.

 

Зары рагвæззæджы 'рцыдыл,

Зары, зары сонтау уый…

Зары а-зæххæн йæ цинтыл,

 Зары хурцух бонтыл уый.

 

 Хъæд, сыгъзæринау, æрттивы,

Хуры цæст нымбæхст кæмдæр.

Къæвда уарынмæ куы 'рхъавыд,

Афтæ райхъал дæн æз дæр.

 

Къæвдайы сæх-сæх æз уарзын,

Ихуазал куы уа, уæддæр,

Æмæ хъусын. Уд у разы…

Ницы ис зæххыл хуыздæр.

 

8 СТР.

 

МАРГЪЫ ГРИПП ПАРАХАТДÆР КÆНЫ

Ацы низ дунейы бæстæты кæй парахат кæны, уыцы нымæцы Уæрæсейы дæр, уый катайаг хъуыддаг у. Фæстаг бонты та фæзынд Канадæйы, Хъырымы. Низ парахатгæнджытæ сты тæхгæ мæргътæ, сæйраджыдæр. Низ кæрчытæй бахæцы адæймæгтыл æмæ уал дзы ацы аз, кæркниз цы бæстæты ис, уым амард 60 адæймаджы.

Ростовы областы дæр райтынг ацы низ. Ивгъуыд къуырийы хæдзарон мæргътæ ам цалдæр бынаты дыккаг хатт бирæгæйттæй амардысты. Сальскы районы хъæу Шаблиевкæйы адæм кæй дарынц, уыцы 120 доны ленкгæнæг маргъы амардысты. Æниу иутæ дзурынц, зæгъгæ, кæркнизæй нæ, фæлæ игæрнизæй амардысты, фæлæ æцæг аххосаг бæлвырд бæрæг нæма у.

Хъырымы дæр бахæцыд ацы низ кæрчытыл, иннæ мæргътыл. Низ парахатгæнджытæ ам сæйраджыдæр сты хърихъуппытæ. Курортон бæстæйы ис 60 хуызы алыгъуызон мæргътæ, уыдон фылдæр хай æрбынат кæнынц денджызмæ æввахс. Закъонмæ гæсгæ сын марыны бар нæй.

Уæрæсейы Сæйраг паддзахадон санитарон дохтыр Геннади Онищенкойы ныхæстæм гæсгæ, гæнæн ис, æмæ уалдзæджы Уæрæсейы фæзына, адæймагæн тæссагдæр чи уыдзæн, маргъы гриппы ахæм ног хуыз. Уый та у Н5 №1. Уыцы низ æрбахæсджытæ та уыдзысты, Уæрæсемæ Хуссар-Скæсæн Ази, Африкæ æмæ Зæххыастæу денджызы бæстæтæй чи ‘рбатæхдзæн, уыцы мæргътæ. Уый тыххæй уæрæсейаг специалисттæ ныртæккæ кусынц, кæркниз рахатыны фадат кæй фæрцы уыдзæн, уыцы сæрмагонд текст-системæты программæйыл. Уый бацæттæ кæндзысты уалдзæгмæ.

Уæрæсейы территорийыл адæмæй кæркниз никæуыл ма бахæцыд.

 

СПОРТ

 

«ЮНОСТЬ» ССИС ИРЫСТОНЫ ЧЕМПИОН

Фактон æгъдауæй Ирыстоны 2005 азы чемпионат футболæй бахæццæ йæ кæронмæ. Баззад ма дзы цыппар командæйæн фæйнæ хъазт. Фæлæ сæ фæстиуджытæ ницыуал ивындзинæдтæ бахæсдзысты командæты турнирон таблицæмæ. Чемпионаты кæронбæттæн хъæзтытæй цымыдис уыд Дзæуджыхъæуы ЦКХМИ-йы командæйы фембæлд нæ горæты командæ «Юность»-имæ.

Ацы хъазтмæ «Юность» æрцыд ныридæгæн чемпионаты рангы, фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, нæ футболисттæ уæддæр равдыстой хорз хъазт æмæ сæ къухты бафтыд уæлахиз - 5:4. Студенттæ фесты сæ хъазтытæ æмæ бацахстой дыккаг призон бынат. «Юность»-æн ма кæд ацы хъазты фæстæ баззад дыууæ фембæлды - «Терек» æмæ «Алга»-имæ, уæддæр развæлгъау ссис Ирыстоны чемпион. «Юность» 25 хъазтæй рамбылдта 22, иу хатт  ахъазыд æмдыхæй æмæ 2 хатты та баззад састы бынаты. Ныхмæлæуджыты къулдуары бакодта 105 пуртийы, йæхи къул-дуары та бауагъта 38. Æрæмбырд кодта 67 очкойы æмæ бацахста фыццаг бынат. Æртыккаг бынатыл баззад Чермены «Киммери». Уæдæ афтæ. Нæ горæты командæйы къухты ацы аз бафтыд иттæг хорз æнтыст. Бацис æрæджы Ирыстоны 2005 азы кубокы хицау æмæ ныр та ссис Ирыстоны чемпион. Банысанкæнинаг у уый дæр, æмæ ма нæ командæ чемпион кæй ссис 1994 азы (уæд хуынд Цхинвалы «Спартак») кубоктæ та рамбылдта ноджы дæр 1999 æмæ 2002 азты.

Газеткæсджыты номæй арфæ кæнæм «Юность»-ы æппæт хъазджытæн, командæйы сæйраг тренерæн æмæ командæйы къухдариуæггæнæг Джиджджойты Аланæн, сæ къухты ахæм æнтыст кæй бафтыд, уый тыххæй.

 

НОМДЗЫД СПОРТСМЕНЫ  ПРИЗТЫЛ

Дзæуджыхъæуы Спорты Галуан «Манеж»-ы уагъд æрцыд Æппæтуæрæсейон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй спорты сгуыхт дæсны, дыууæ хатты Олимпион чемпион Андиаты Сосланы призыл. Ерысты хайад райстой Мæскуы, Ставрополь, Хъæрæсе-Черкеск, Дагестан, Цæгат Ирыстон, Греци, Таджикистан, Узбекистан, Украинæ æмæ æндæр регионты æмæ бæстæты 12 командæйы, 318 богалы. Ерысты хайадисджытæй се 'мбисæй фылдæр уыдысты ирон скъолайы уæгъдибар хъæбысхæцыны хъомылгæнинæгтæ. Спортсментæ хайад истой 8 уæзы кате-горийы. Хорз æнтыстытæ турниры бафтыд ирыстойнаг богалты къухты. Цыппарæй дзы бацахстой фыццаг бынæттæ, æхсæзæй-дыккаг, æмæ астæй та æртыккаг бынæттæ.

Турниры уæлахиздзаутæ систы Хæныкъаты Альберт (50 кг уæз), Тагзиаты Тамерлан (74 кг), Къетойты Георги (84 кг), Тыджыты Таймураз (96 кг).

Дыккаг призон бынæттæ бацахстой: Цыбырты Сослан (50 кг), Кортиаты Феликс (55 кг), Бестауты Зураб (60 кг), Пересаты Зелим (74 кг), Лалыты Вадим (84 кг) æмæ Тыбылты Георги (96 кг).

Æртыккаг призертæ та систы Гызыккаты Азæмæт (50 кг), Цæ-болты Хетæг (55 кг), Рæмонаты Аслан (60 кг), Хуыбецты Саба (66 кг), Джиоты Марат (74 кг), Габуты Сослан (84 кг), Хуыбылты Чермен æмæ Хъæцмæзты Ренат (96 кг).

БЕКЪОЙТЫ Г.